Къоста - нæ кад æмæ нæ зарæг
Читать

Къоста - нæ кад æмæ нæ зарæг

Cкачать презентацию: Къоста - нæ кад æмæ нæ зарæг

Вставить эту публикацию

Вставить код

    Ничего не найдено.
Click here to cancel reply.

Презентация по слайдам:


Слайд #1

Къоста - нæ кад æмæ нæ зарæг
Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста.
Ирон литературæйы бындурæвæрæг, номдзыд поэт, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг.

Слайд #2

Нары хъæу

Слайд #3

Хетæгкаты Елызбары фырт Леуан, Уæрæсейы империйы æфсæддон.
Гуыбаты Габрелы чызг Мария

Слайд #4

Дзапарты Чендзе
Къостайы райгуырдæй цалдæр боны фæстæ амардис, æмæ Къостайы хъомыл кæнын йæ хæстæгæн ныууагъта. Къостайы мады чи зыдта, уыдоны мысинæгтæм гæсгæ Мария уыди хæрзæгъдау, фæлмæнзæрдæ, рæсугъд сылгоймаг. Йæ ныв ын сарæзта Къоста, хорз æй чи зыдта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ æмæ куыд дзурынц, афтæмæй бынтондæр раууад йæхи хуызæн.

Слайд #5

Къостайыл фондз азы куы цыдис, уæд йæ фыд дыккаг ус æркодта. Къостайы фыды ус Сухиты Хъызмыдæ нæ бауарзта сидзæр сабийы, æдзух æй æнæхъуаджы схуыста, лæгъз ныхасæй йæм никуы сдзырдта. Къоста йæ фыдыусы тыххæй афтæ фыста:
Дыккаг ус æрхаста…
Æркодтой мæн дæр…
Мæ «чындз» мæ нæ уарзта, –
Фыдсыл уыд кæмдæр!
Йæ рард дæр ысхуыстæй,
Йæ рæвдыд дæр – над,
Йæ «цу-ма» рæхуыстæй, –
Гъе уый, дам, дын – мад!

Слайд #6

Слайд #7

Къоста ахуыр кодта Нары скъолайы. Дзæуджыхъæуы прогимназийы. Стъараполы гимназии æмæ Бетъырбухы Аивæдты академийы. Стъараполы гимназийы ахуыр кæнгæйæ Къоста уæлдай æргом здæхта нывкæнынадмæ. Нывкæнынадыл æй ахуыр кодта Василий Иваны фырт Смирнов. Смирнов Къостайы бирæ уарзта, нымадта йæ курдиатджындæр ахуыргæнинагыл æмæ æппæт мадзæлттæй дæр архайдта, цæмæй йе ´рмдзæф фæфидардæр кæна, рæза йæ курдиат æмæ йæ сразæнгард кодта Бетъырбухмæ ацæуынмæ.

Слайд #8

Слайд #9

Академийы Къоста ахуыр кодта зæрдиагæй. Уый хыгъд бирæ рæстæг хардз кодта уырыссаг æмæ дунеон литературæ кæсыныл. Архайдта спектакльты хъазынмæ, кодта сын декорацитæ. Дæсны уыди кафынмæ æмæ зарынмæ. Фæлæ дыууæ азы куы рацахуыр кодта академийы, уæд ын стипенди нал фыстой, йæ материалон уавæр уыди тынг уæззау æмæ æцæгæлон дард горæты æрыгон лæппу куыд уыдаид. Уымæ гæсгæ академи фæуын йæ бон нал бацис æмæ сыздæхт Кавказмæ.

Слайд #10

Слайд #11

Ирон фæндыр
1898 азы фæзынд æмдзæвгæты къухфыст хицæн æмбырдгонды хуызы. Къоста сын æрхъуыды кодта æвæджиауы рæсугъд ном «Ирон фæндыр». Йæ бынмæ фыст уыд: зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ, æмбисæндтæ.
1899 азы Къостайы «Ирон фæндыр» мыхуыры рацыд. Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта йæ хорз хæлар Байаты Гаппо. Ацы чиныгæй Къоста фидар бындур æрæвæрдта ирон литературæйæн.

Слайд #12

«Ирон фæндыр»-ы фæзынд стыр цины хъуыддаг уыд æппæт Ирыстоны адæмæн. Йæ диссаджы сыгъдæг рæнхъытæ йын дзыхæй-дзыхмæ истой, зарыдысты сæ цины æмæ хъыджы сахат.
Ацы чиныгæй Къоста адæмы бауырнын кодта, ирон æвзагыл дæр кæй ис ныффыссæн æцæг аивадон уацмыстæ, национ литературæ саразæн.

Слайд #13

Къоста канд стыр поэт, курдиатджын нывгæнæг, публицист æмæ драматург нæ уыдис. Уый уыдис йæ рæстæджы тæккæ прогрессивон зондахастыл лæуд чи уыди, ахæм лæг, æмбаргæ политик, æхсæнадон цаутæ раст чи æмбæрста, ахæм куырыхон зондыл хæст адæймаг.

Слайд #14

Уарзут Къостайы, кæсут ын йæ чингуытæ, ахуыр ын кæнут йе ‘мдзæвгæтæ!